Одессæйыл Уæрæсейы ракетон хафтыты фæстиуæгæн амард 14 æмæ фæцæф сты 46 адæймаг
Одессæйыл Уæрæсейы ракетон хафты фæстиуæгæн амард 14 æмæ фæцæф сты 46 адæймаг. Регионы 16 марты расидтсты маройы бонæй. Информаци уый фæдыл Одессæйы зылды администрацийы къухдариуæггæнæг Олег Кипер хъусын кæн.
Цæфты æхсæн сты уæлвæтк уавæрты паддахадон куысты авд кусæг. Афтæма амард иу ирвæзынгæнæг æмæ дохтыр, кæцытæ спырхы фæстæ ирвæзынгæнæн операцийы истой хайад.
Укринайы прокуратурæйы хъусинагæй, ракетон хафтыты фæстиуæгæн базиан ис 19 хицæн хæдзар, техникон лæггады станцæ, газдадзæн æмæ дыууæ зынгхуыссæнгæнæн-ирвæзынгæнæн хæдтулгæ.