Украинаг медиайы хъусинагæй, Киевы бæрзонд рангы уазæгмæ æнхъæлмæ кæсынц,  æхгæд сты уынгтæ,  æфсæнвæндаг, афтæма АИШ-ы минæварады территори
Украинаг медиайы хъусинагæй, Киевы бæрзонд рангы уазæгмæ æнхъæлмæ кæсынц, æхгæд сты уынгтæ, æфсæнвæндаг, афтæма АИШ-ы минæварады территори

Киевы æнхъæлмæ кæсынц бæрзонд рангы  уазæгмæ.  Информаци украинаг медиа  бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты  министрыл  æнцойæ хъусын кæны.

Украинаг  медиайы  хъусинагæй,   Киевы  сæумæрайсомæй  æхгæд уыд  уынгтæ,  æфсæнвæндаг, афтæма  АИШ-ы минæварады территори.

Бæстæйы  фæсарæн хъуыддæгты министрады нырма  нæ  хъæр кæнынц, чи хъуамæ ныццæуа  Киевмæ, фæлæ  медиафæрæзтæ   æнхъæлынц,  цæмæй Украинайы   сæйраг горæтмæ   гæнæн ис  Америкæйы Иугонд Штатты   президент Джо Байден  ныццæуа.

Бакой уын кæндзыстæм Украинамæ   Уырысы  лæбурдæй  иу афæдзы  сæрмæ нывонд, Джо Байден сом   Польшæмæ ныццæудзæн.

«Цæй ма интрига бавæрæм  æмæ   фæзындты  разæй  ма рацæуæм.  Ныфс мæ ис,  цæмæй сюрприз,  кæцы  цæттæ  кæны,  рауайдзæнис. Уымæн,  æмæ махæн иттæг нысаниуæгджын у  хæсты  азы сæрыл фенæм  æнæрмæст фарсхæцыны ныхæстæ, фæлæ ма   нæ нысаниуæгджын  партнерты   Киевы», –   райхъусын кодта Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæг  Андрей Мельник.