Украинæйы хицауад Гуырдзыстонимæ ID картæтæй дыууæрдæм змæлды фæдыл проектæн йæ фарс рахæцыд

Гуырдзыстонимæ  ID картæтæй  дыууæрдæм змæлды  фæдыл бадзырды  проектæн Украинæйы  хицауад  йæ фарс рахæцыд –  информацийы   уый фæдыл  хæлиу кæны  украинаг медиа.

Бадзырдмæ гæсгæ, Украинæйы  æмæ Гуырдзыстоны   æмбæстæгтæн дыууæрдæм  змæлд  сæ бон уыдзæн   мидæгон  биометрикъон  паспорттæй – ID картæтæй.

Уæдмæ  Гуырдзыстон   Украинæйы  минæвар Игорь  Долгов куыд  райхъусын кодта афтæмæй,  æмбæлон  бадзырды бафидар кæнын,  фæрстæ  Нью-Йоркъы, ИНО-йы  генералон  ассамблейы  сессийыл   дыууæ бæстæйы  делегациты  визиты рæстæджы хъавынц.

Ныр  Украинæ æмæ Гуырдзыстоны  æхсæн  æнæвизæ  змæлды  фæдыл  1999  азы   бадзырд   архайы.