Украинæйы энергетикæйы министрады информацимæ гæсгæ, Украинæ баурæдта уырыссаг газы транзит
Украинайы энергетикæйы министрад официалонæй фехъусын кодта, цæмæй Евроцæдисмæ Уæрæсейы газы транзит 1-æм январы райсомæй фæурæдтой, плангондæй.
«Националон æдасдзинады интерестæй Украинайы территоримæ Уæрæсейы æрдзон газы ласт сæумæрайсомы 07:00 сахатыл урæд æрцыд. «Ацы фæдыл Украинæ йæ фæсарæйнаг партнертæн фехъусын кодта снысангонд процедурæмæ гæсгæ» – ис фыст Украинæйы энергетикæйы министрады расидæны.
Уымæй дарддæр ма, Украинайы энергетикæйы министр Герман Галушенкойы ныхасмæ гæсгæ, уырыссаг газы транзит историон цау у.
«Уæрæсейаг газы транзит баурæдтам, уый историон цау у. Уæрæсе сæфта базартæ, уыдзæн ын финансон зиæнттæ. Европæ ныридæгæн райста уынаффæ Уæрæсейы газæй не сразы уæвын. Европаг инициативæ Repower EU нымайы растдæр уый, цы сарæзта абон Украинæ», -расидтис Герман Галушенко.
Уæрæсейы газы транзит Украинайы территорийыл сæххæст ис уыцы бадзырдты бындурыл, кæцытæ 2019 азы кæрон, Уæрæсейы æххæстмасштабон бабырсты агъоммæ сырæзтысты. Фыццаг январы бадзырдты æмгъуыд фæцис æмæ Украинæ сæ адарддæр кæныныл не сразы.