Украинæйы генералон штабы информацийæ, Украинæ Краснодары регионы æмæ Самарайы нефты рафснайæн заводтæм дронтæй æхстытæ сарæзта
Украинайы генералон штабы информацийæ, Украинæ дронтæй спайда кодта Краснодары регионы æмæ Самарайы нефты рафснайæн заводтæм ныццæвынæн.
Украинæйы гарзджын тыхты генералон штаб куыд фехъусын кодта, афтæмæй украинаг æфсæддонтæ кусынц «знаджы бырсты потенциал фæкъаддæр кæныныл æмæ оккупантты æфсæддон дæлхайæдтæн æртагæй ифтонг кæныныл фæкъуылымпы кæныныл».
Украинæйы генералон штабы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Краснодары зылды завод афæдзмæ уадзы æртæ милуан тоннæ нефты продукттæ. Уыцы нымæцы бензин, дизелон æртаг æмæ авиацийы æртаг.
Ныридæгæн бæрæг нæу украинаг дронты æхсты фæстиуджытæ.
Генералон штабы информацимæ гæсгæ, Самарайы уæвæг завод украинаг дронты нысан дыккаг хатт ссис. Уый уадзы бензин, дизелон æртаг æмæ авиацийы æртаг, стæй мазут дæр. Афæдзмæ уадзы 8,5 милуан баррелы нефты продукттæ.