Украинæйы æмæ АИШ-ы делегациты æхсæн бадзырдтæ Сауды Аравийы райдыдтой
Сауды Аравийы Украинæйы æмæ АИШ-ы делегациты æхсæн бадзырдтæ райдыдтой.
Уый фæдыл Украинæйы хихъахъæнады министр Рустам Умеров социалон хызы ныффыста.
«Мах райдыдтам фембæлд америкаг къордимæ Эр-Рияды. Мах æххæст кæнæм Украинæйы президенты хæслæвæрд рæстаг сабырад фæхæстæгдæр кæнын æмæ æдасдзинад фæтыхджындæр кæнын. Боны фæткы ис энергетикон объекттæ æмæ критикон инфраструктурæйы хъахъхъæды фæдыл фæндæттæ. Абон мах бакусдзыстæм къорд вазыгджын техникон фарстатыл. Нæ делегацийы сконды сты энергетикæйы эксперттæ, афтæ ма æфсæддон минæвæрттæ дæр», — ныффыста Умеров.