Украинæ НАТО-йы парламентон ассамблейæн банхъарыд, Уæрæсе талибанæн æххуысгæнæг бæстæты номхыгъдмæ бахæссын
Варшавæйы цæугæ рабадтыл, официалон Киев, НАТО-йы парламентон ассамблейы уæнгтæм басидтис, цæмæй Пакистанимæ иумæ, Уæрæсейæ дæр æрдомой «Талибанæн» æххуысы бауромын. Фæнысангонд хъуыдиадæй НАТО-ы парламентон ассамблеймæ басидтис Украинæйы делегацийы къухдариуæггæнæг Ирина Фриз.
«2017 азы майы мах НАТО-мæ адæттам Уæрæсейы æмæ Талибаны бастдзинады фæдыл информаци. Сæрмагондæй та, дзырдæуы Уæрæсейы генералон штабы мимнæвæртты æмæ Талибаны лидерты контактты тыххæй Пакистаны регион Варизистаны. Ис дзы, Талибанæн нырыккон уырыссаг хæцæнгарзы алæвæрды цаутæ дæр» – банысан кодта Фриз.