Украинæ, Кувейт æмæ Ватиканы Гуырдзыстоны ног минæвæрттæ ис

10:25, 11.09.2019

Украинæ, Кувейт æмæ Ватиканы Гуырдзыстоны ног минæвæрттæ ис

Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады инофрмацимæ гæсгæ, Украинайы минæвар – Теймураз Шарашенидзе, Кувейты -Константин Жгъенты, Ватиканы – Кетеван Багратион-Мухранбатоны снысан ис.

Украинайы минæвар Теймураз  Шарашенидзе 1996 азæй æндæр æмæ æндæр позицитыл куыста Гуырдзыстоны дипломативон куысты. 2011-2018 азты уыд Азербайджаны Гуырдызстоны минæвар, уæдмæ та 2004-2008 азты Болгарийы  минæвар.

Кувейты  минæвар Константин Жгъенты 2013-2018 азты Узбекистаны минæвар. 2004-2005 азты та уыд Австрийы æмæ Америкайы бæстæты департаменты сæрдар, 2004-2005 азты Австрийы æмæ Венгрийы минæварæй куыста. 1997- 2000 азты уыд Италийы Гуырдзыстоны деспан, 2006-2008 азты Австри æмæ Венгрийы минæварады æмæ ОБСЕ-йы æмæ Венайы æппæтдунеон организацитимæ Гуырдызстоны бæрнон. 2018-æм азæй абоны онг Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады Леван Микеладзейы номыл дипломативон æмæ иртастон институты иртасæг.

Хуыздæр