Украинæ Донбассы зæсты Уæрæсе хайад кæй исы уый бæлвырдгæнæн документтæ Гаагæй тæрхондонæн алæвæрдта
Украинæ Гаагайы тæрхондонмæ бавдыста документаци, кæцы Донбасы хæсты Уæрæсе хайад кæй исы уый бæлвырд кæны. Украинаг медийы информацийæ, Киев, Мæскуыйы дыууæ конвенцийы сæттыны зылынджын кæны. Адон сты: æхсæнадæмон конвенци терроризмы финансдзинады тобæмæ гæсгæ æмæ ИНО-йы конвенци рассон дискрминацийы алы формæйы схафыны фæдыл.
«Яуæрæсе абон махæй райста «лæвар» ИНО-ы тæрхондоны. Лæвары уæз у 90 килограмм, 17 500 фарсæй æмæ 29 томæй» – ныффыста социалон хызагы Украинæйы фæсарæн хъуыддæгты министр.
Украинæйы президенты Петро Порошенкойы фидиуæнæй, Уæрæсе зæгъгæ къæйныхæй гæды информаци хæлиу кæны,цæвитон йæм Украинæйы зæхх нæу оккупацигонд, нæ дзы нылласта уырдæм «БУК» кæцыйæ МН-17 æрыппæрстой æмæ нæ сæвæрдта уым «Градтæ», кæцытæй сабырадон цæрджыты æрдæм Мариуполы, Краматорскы æмæ Авдеевкæйы.
Порошенко документты бадысты дзы фæфиппайдта символизм дæр, уымæн æмæ Украинæ ИНО-йы тæрхондонмæ 12-æм июны бахъаст кодта. Растдæр ацы бон æппæт Уæрæсейы масштабæй нысан кæнынц «Уæрæсейы бон».