Украина æнæаргъæвгæйæ фæстæмæ ахуыдта йæ минæвæртты Гуырдзыстонæй æмæ Хъиргизæй. Уый фæдыл видео-сидты рæстæджы Украинайы президент Володимир Зеленски райхъусын кодта.
«Нæ дипломатты тыххæй зæгъдзынæн, уыдон ныр реализаци кæнынц рæстаг æмæ хъæугæ уынаффæтæ уыцы паддзахадтæм гæсгæ, кæцытæ фæсайдтой сæ дзырд æмæ æхсæнадæмон барады. Æнæаргъæвгæйæ фæстæмæ ахуыдтам Хъиргизæй консультацитæм минæвары Украинайы ныхмæ агресси сраст кæныны тыххæй. Афтæдæр æнæаргъæвгæйæ фæстæмæ ахуыдтам минæвары Гуырдзыстонæй, барвæндонтæ фæкуылымпы кæныны тыххæй, кæцыты фæндыд махæн баххуыс кæнын æмæ санкцитæм гæсгæ аморалон позицийы тыххæй», – райхъусын кодта Зеленски.