Украина Гуырдзыстонæй йæ минæвары фæстæмæ ахуыдта
Украина Гуырдзыстонæй йæ минæвары фæстæмæ ахуыдта

Украина  æнæаргъæвгæйæ фæстæмæ ахуыдта йæ  минæвæртты Гуырдзыстонæй æмæ Хъиргизæй. Уый фæдыл  видео-сидты рæстæджы  Украинайы  президент  Володимир Зеленски   райхъусын кодта.

«Нæ дипломатты тыххæй  зæгъдзынæн, уыдон ныр реализаци кæнынц  рæстаг æмæ  хъæугæ  уынаффæтæ  уыцы  паддзахадтæм гæсгæ, кæцытæ  фæсайдтой  сæ дзырд æмæ æхсæнадæмон   барады.  Æнæаргъæвгæйæ  фæстæмæ ахуыдтам  Хъиргизæй  консультацитæм  минæвары Украинайы  ныхмæ  агресси сраст кæныны тыххæй.   Афтæдæр æнæаргъæвгæйæ  фæстæмæ ахуыдтам  минæвары Гуырдзыстонæй,  барвæндонтæ фæкуылымпы кæныны тыххæй,  кæцыты фæндыд махæн баххуыс кæнын æмæ санкцитæм гæсгæ аморалон  позицийы тыххæй», – райхъусын кодта Зеленски.