Угандайы, Викториайы цадыл, яхтæ фæдæлдон ис - æрбамард 23 адæймаг

Угандайы,  Викториайы  цадыл,  яхтæ  кæй  фæдæлдон ис уый фæстиуæгæн æрбамард 23  адæймаг. Бынæттон медиа куыд хъусын кæны  афтæмæй,  ноджы  цалдæр дæсой   адæймаг  нымад цæуынц  æвæндаг сæфтыл.  Нырма бæрæг нæу,   цас  бæлццон уыдис  науы  бортыл, аварийы  размæ.   Бæлвырд информацийæ,   сæ  нымæц  уыдис сæдæйæ  фылдæр.

Ахæлиугонд хъусинагæй,   науыл   уыдис Угандæйы принц,  кæцыйы  фервæзын кæнын бантыстис.  Æфсæддон фистæгтæ  ацы рæстæгмæ  агурынц аварийы  рæстæджы æрбайсæфтуæвæг  Угандайы  паддзахады паддзахы æфсымæры,  кæцы  афтæдæр  уыдис бæлцæтты æхсæн.