Уагъд æрцыд «Гуырдзиаг бæллиццы» политикон советы рабадт, кæцыйы хайад иста партийы цытджын сæрдар, Бидзина Иванишвили дæр
Уагъд æрцыд «Гуырдзиаг бæллиццы» политикон советы рабадт, кæцыйы хайад иста партийы цытджын сæрдар, Бидзина Иванишвили дæр

Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» централон офисы политсоветы рабадт сырæзт.

Сессийы фæуды фæстæ куыд рабæрæг афтæмæй, «Гуырдзиаг бæллиццы» цытджын сæрдар, Бидзина Иванишвили Ираклий Къобахидзейы партийы политикон советы премьер-министры бынатмæ раразмæ кодта.

Уымæй дарддæр ма, фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» парламенты сæрдары бынатмæ Шалва Папуашвилийы кандидатурæ бавдисдзæн.

Политсоветы æрдзырдтой ноджы цалдæр темæйыл, уыцы нымæцы бюджетон фарстатыл дæр.

Афтæ дæр, «Гуырдзиаг бæллиццы» бæрнон нымæрдар, Мамука Мдинарадзе куыд расидтис афтæмæй,   президентон æвзæрстыты  датæ æввахс  бонты снысан уыдзæн.