Уæззау цæрæн уавæрты уæвæг 1000-ы онг бинонтæн паддзахад ног цæрæн фæзуаттæ ратдзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй, хицауады администрацийы хицауады рабадт ацыд.
Хицауады уæнгтæ æртæ ног фарста æркастысты, кæцыты æхсæн уыд Гуырдзыстоны хицауады барамынды проект æнæхæдзар, уæззау уавæрты цæрæг бирæзæнæгджын бинонты æрцæрын кæныны нысанон паддзахадон программæйы сбæлвырд фæдыл.
Хицауады администрацийы информацийæ, программæйы фæлгæтты уæззау цæрæн уавæрты уæвæг 1000-ы онг бинонтæн, паддзахад ног цæрæн хæдзæрттæ адæтдзæн. Программæйы æмтгæйон бюджет 50 милуан лари у.
Гуырдзыстоны хицауады ахæлиугонд информацимæ гæсгæйæ, программæйы нысан у социалонæй цыбыркъух, æнæхæдзары бирæсывæллонджын бинонтæн фарсхæцыны æмæ сын аккаг цæрæн уавæртæ саразын.
«Программæйы бенефициар гæнæн ис уа бинонтæ æртæ æмæ фылдæр æнахъом сывæллонимæ, кæцыйы алы уæнг регистрацигонд сты социалон лæггады агентады социалонæй æнæхъахъхъæд бинонты бæрæггæнæнты базæйы. Программæйæ спайда кæнын сæ бюон уыдзæн бинонтæн, кæцыты иунæг уæнг дæр нæу регистрацигонд лигъдæтты, экомигрантты æмæ цæрынæн хъæугæ æфтиагæй ифтонгады агентады лигъдæтты кæнæ экомигрант бинонты иугонд электронон бæрæггæнæнты базæйы. Афтæма, кæд æнæхæдзар бинонты уæнгмæ уæдмæ паддзахадæй нæ уыд лæвæрд цæрæн фæзуат кæнæ æмбæлгæ суммæйæ компенсаци цæрæн фæхзуат балхæнынæн. Ацы æмæ æндæр критериты аргълæвæрды фæстæ бинонты æрцæрын кæныны фарста æмбæлгæ комисси аскуыддзаг кæндзæн. Программæ 2025 азы кæронмæ адарддæр уыдзæн. Бинонты æрцæрын кæндзысты Гуырдзыстоны кæцыфæнды администрацион-территорион иуæгты», – дзырдæуы хицауады администрацийы ахæлиугонд информацийы.