Гиорги Гахариа -  Æххуыс  фæхæццæ уыдзæн  алы хæдзары бинонтæм
Гиорги Гахариа - Æххуыс фæхæццæ уыдзæн алы хæдзары бинонтæм

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы   фидиуæнæй,  зæгъгæ нырид  цалдæр мæй  у даргъ кæны пандеми  æмæ уымæй расайгæ  экономикон кризис, фæлæ   ацы рæстæджы  алчи йæ зæрдыл хъуамæ дарæт,  цæмæй  цæуы  æвзарæнон процесс.

Гахариайы дзырдæй,  зæгъгæ æвзарæнон  процесс дæр  бæрзонд гъæдæй  хъуамæ  ацæуа æмæ уый у хицауады  бæрн.

Афтæма,  хицауады  сæргълæууæгы  дзырдæй,   фыццаджы дæр   сегасдæр нысаниуæгджын  у  æмбæстæгты æнæниздзинад, сæ  куыстбынæттæ мафесафын  æмæ социалон  æххуыс, сæрмагондæй т а  сывæллæттæ.

Гахариайы   дзырдæй,   æххуыс  фæхæццæ уыдзæн   алы  хæдзары бинонтæм, чидæриддæр æмбæлгæ  куырдиат баххæст кæндзæн, æмæ йæ  ныфс ис,  нал уыдзæн ахæм моралон проблемæтæ, чидæртæ куы архайдтой, сывæллæттæн  рахицæнгонд  æххуыс, политикон дивиденттыл банымайын.  Афтæма  йæ ныхæстæм  гæсгæ,   социалон  æххуыс райсынæн, нырид регистраци ауагъдтой   600 868 сывæллоны.

«Знон хъуыстон  æнæнизхъахъхъæды министрады  фидиуæнмæ, кæцыйæ бæрæг ссис, цæмæй   бæстæйыразындысты адæймæгтæ,  кæцытæ  архайынц,  финансон  æххуыс райсын æмæ  иуæй-иу хатт та,  политикъон пайда афтæ цæмæй  сывæллæттæн æмæ сæ   ныйарджытæн баххуыс кæной  ацы æххуыс  райсыны,  кæцы сæм æмбæлы  паддзахадæй.

Уырнæг стæм, цæмæй  нæ æмбæстæгтимæ нæ  ницы  æхсæнылæгтæ  нæ хъæуынц,  æнæнкæсгæ уымæ, цæмйæ  фыццаджы дæр   ам фæбæрæг ис  моралон проблемæ, фæлæ  гæнæн ис барадон   проблемæтæ дæр  уа   кæцыдæр физикъон уæнгты  цауы, уый æппæтыл  бакусдзысты  æмбæлгæ уагдæттæ.   Фæлæ  мæ  фæнды  нæ  алы  æмбæстагæн  хаххгонд  зæгъын,  сæрмагондæй та  уыдонæн,   кæцытæн нырма дæр ис æвзагы   проблемæ кæнæ барьер,  цæмæй   кæцыфæнды паддзахадон   оргæн, структурæ, Либерти Банк, кæцыфæнды бынæттон  муниципалитеты  уагдон,  алыхуызон финансон пайдайæ цух,   баххуыс сын уыдзысты  цырдæй, максималонæй, цæмæй  ацы  куырдиæттæ  баххæст кæной.  Уымæй дарддæр ма, фæнды мæ зхæгъын уын, цæмæй   куырдиæтты  исын  адарддæр уыдзæн фыццаг  декабрмæ,  æмбæлгæ æххуысы алæвæрд та  райдайдзæн сентябрæй», –   загъта премьер-министр.