Уæвæг информацийæ, Сирийы зæххæнкуысты фæстиуæгæн 237 адæймаг амард
Сириайы зæххæнкуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 200-йæ ахызт, – уый фæдыл информаци хъусын кæны бæстæйы æнæнизхъахъхъæды министрад.
Æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, стихий ахаста 237 адæймагы цард. Зианбавзарæг провинциты нымæцы сты Алеппо, Латакиа, Хама æмæ Тартус.
Рынчындæттæм фæхæццæ кодтой 600-йæ фылдæр адæймагы.
Фидар зæххæнкъуыст Турк æмæ Сириайы абон боныцъæхыл æрцыд. Стихийы тых АИШ-ы геологион куысты хъусинагæй уыд 7,8 магнитудæйы бæрц.
Турчы фæстаг официалон бæрæггæнæнтæй, амард 76 адæймаг, 440 та фæцæф сты.