Уæвæг бæрæггæнæнтæй, Уæрæсейы оккупацион тыхты æрдгæй Киевыл бомбæкалды фæстиуæгæн 4 адæймаг амард, 16 та фæцæф сты
Уæрæсейы оккупацион тыхты æрдгæй Украинайы сæйраг горæтыл бомбæкалды фæстиуæгæн амард цыппар адæймаг.
Украинаг медиа Киевы горæты æфсæддон администрацийыл æнцойæ фыссы, цæмæй бомбæкалды фæстиуæгæн 16 адæймаг фæцæф ис.
Украинаг медиайы хъусинагæй, бæстæйы сæйраг горæтыл уырыссаг ракетон бырсты фæстиуджыты ликвидаци нырма дарддр кæны æмæ информаци бæрæг кæнынц.
«Уыимæ, Киевы горæты æфсæддон администрацийы куыд хъусын кæнынц, Киевы æрдæм ракетæтæ цалдæр этапæй æндæр æмæ æндæр æрдгæй фехстой. Бомбæкалды тыххæй æнæэлектроэнергийæ баззад 20 мины онг абонент. Æмтгæй райсгæйæ, Уæрæсе Украинайы ныхмæ 64 ракетæ æмæ æнæпилот хæдтæхæгæй спайа кодта, кæцытæй 44-ы Украинайы уæлдæфон иргъæфы системæ скуынæг кодта.