Уæрæсейы зынгирвæзты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 37-ы онг райрæзт

Уæрæсейы,  базарадон центры  зынгирвæрзты  амæттæгты нымæц  37-ы онг райрæзт.  Информацийы  уырыссаг медиа,  бæстæйы  фæдæвзарæг   комитетыл  æнцойæ хæлиу кæны.

Уыйимæ иумæ, фæдæвзарæг комитекты  фидиуæнæй,   фæдæвзарæн мадзæлттæ дарддæр кæнынц.

Уырыссаг медийы  хъусинагæй,   рынчындæтты хуыссынц 40-ы онг   зианбаййафæг.

Хæлиу кæны информаци, цæмæй  ац рæстæгмæ,   æвæндаг æрбайсæфтуæвджытыл нымад  цæуынц  70-ы онг адæймаг, сæ нымæцы 40  сывæллон.

Базарадон  центры  афтæдæр уыдис зоопарк,  кæцыйы 25  хуызы   200-ы онг  цæрæгойы дарттой. Зоопаркы  директоры  Евгений  Видеманы  фидиуæнæй,   вæццæгæн зынгирвæзты фæстиуæгæн   цæрæгойтæ иууылдæр  сыскъуыдысты.  Афтæдæр йæ  ныхæстæм гæсгæ,  цæрæгойты фервæзын кæнын  практиконæй гæнæн нæ уыд.

Кемеровойы  уæвæг базарадон  центры,  зынгирвæзт  цалдæр сахаты размæ æрцыд.