Уæрæсейы Пермы областы уæвæг «Уралкалий»-ы шахтæйы зынгсирвæзты амæттаг фесты аст адæймаг. Сыгъд уымп знон æхсæвы фæзынд.
Фæздæджы тыххæй, шахтертæ зæххыбынæй рацæуын нал бахъом сты. Сæумæрайсомыы ирвæзынгæнджытæ шахтæйæ аст марды систой. Ноджы иу фæтаруæвæг кусæгы ацы рæстæгмæ агурынц.
17 зианбаййафæгы ирвæзынгæнджытæ бахъуаджы рацæуæнты фæрцы ракодтой. Сæ иу хайы рынчындæттæм фæхæццæ кодтой.