Уæрæсейы Стъараполы мэры хæдивæг Гуырцъыты Зауыр срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард
Уæрæсейы Стъараполы мэры хæдивæг Гуырцъыты Зауыр срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард

Уæрæсейы срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард Стъараполы мэры хæдивæг, Украинæйы ныхмæ хæсты хайадисæг Гуырцъыты Зауыр. Уый тыххæй фехъусын кодта Стъараполы облæсты губернатор Владимир Владимиров.

Губернаторы ныхасмæ гæсгæ, цæуы фæдæвзарæн æмæ каст цæуы алы верси, се æхсæн Украинайы хайадистæй теракт дæр.

Слестгæнæн комитеты информацийæ, мэры хæдивæгимæ иумæ Чеховы уынгыл цæрæн хæдзары цур срæмыгъды фæмард йæ зонгæ нæлгоймаг.

Гуырцъыты  фырт уыд президенты кадрон программæ «Время героев»-ы архайæг. Украинæйы хæстæй æрыздæхт 2024 азы майы æмæ сентябры нысангонд æрцыд Стъараполы мэры хæдивæгæй.

Социалон хызæгты апарахатгонд информацимæ гæсгæ, Гурциев Мариупол бацахсыны фæдыл операцийы уæлдæфон хайæн разамынд лæвæрдта.