Уæрæсейы скъолаты ахуыры процесс æртæ къуырийæ урæд цæуы. Уый тыххæй райхъусын кодта Уæрæсейы ахуырады министр Сергей Кравцов.
Скъолаты каникултæ 23 мартæй 12 апрелмæ аххæссдзысты. Уæрæсейы ахуырады министры дзырдæй, организацигонд æрцæудзæн дистанцион ахуыр.
Официалон бæрæггæнæнтæй, Уæрæсейы коронавирусы 114 цау сбæлвырд кодтой. Низ рабæрæг ис бæстæйы 26 регионы.