Уæрæсейы президент анексиргонд Хъырыммæ ныццыд
Уæрæсейы президент анексиргонд Хъырыммæ ныццыд

Уæрæсейы   президент  анексиргонд  ХЪырыммæ ныццыд.  Уырыссаг медиа куыд хъусын кæны  афтæмæй,   Владимир Путин   хайад райста  дыууæ элекстростанцæйы  байгомы  церемонийы. Уыйимæ иумæ  Хъырымы  сты  Уæрæсейы  вице-премьер   Дмитрий  Козак  æмæ эннергетикæйы министр  Александр Новак.

Владимир Путин куыд райхъусын кодта афтæмæй,  «18 март Хъырымы  æмæ  æнæхъæнæй Уæрæсейы  историйы  зынгæ датæ  у».

Бакой уын кæндзыстæм,   раст  фондз азы размæ, 18 марты,   Уæрæсейы президент  ХЪырымы  æрдæгсакъадахы  æнæзакъонон анексийы  фæдыл  барамынд бафыста.

Цымидисон у  уыцы  факт дæр, æмæ  дыууæдæр  электростанцæ, кæцыты Путин абон  анексиргонд æрдæгсакъадахыл бакодта,  немыцаг компани  «Сименсы»  турбинæтæй сты ифтонгггонд.  «Сименс» æнæ иу хатт  фæазымджын кодта Уæрæсейы хицауад, евроцæдисы санкциты  хæлды æмæ  сæ техникæйы, æрдæгсакъадахмæ æнæзакъононæй  нылласыны.