Уæрæсейы оккупацион тыхтæ ивгъуыд æхсæв Украинайы ныхмæ бырст баллистикон æмæ базырджын ракетæтæй, афтæма æнæпилот тæхæн аппараттæй сыххæст кодтой
Уæрæсейы оккупацион тыхтæ ивгъуыд æхсæв Украинайы ныхмæ бырст баллистикон æмæ базырджын ракетæтæй, афтæма æнæпилот тæхæн аппараттæй сыххæст кодтой, Одесæйы регионыл уырыссаг æфсæддæттæ æртæ сахаты дæргъы æххæст кодтой бомбæкалд.
Уæрæсейы бырсты фæстиуæгæн Одессæйы реионы иу адæймаг амард, афтæма базиан сты цæрæн хæдзæрттæ, наулæууæны объекттæ æмæ хъæууон-хæдзарадон инфратсруктурæ.
Украинайы ныхмæ бырсты Уæрæсейы стратегион авиаци иста хайад.
Уырысы æфсæддон хæдтæхджытæ базырджын ракетæтæ Украинайы сæйраг горæт Киевы æрдæм фехстой. Украинайы уæлдæфон иргъæфы тыхтæ алы ракетæйы нейтрализаци скæнын бахъом сты.
Параллелонæй Украинайы генштбы информацийæ, Украинайы æфсадæн ис бæрæг æнтыстытæ Запорожьейы регионы.
Украинайы хъахъхъæнынады тыхтæ дарддæр кæнынц бырсæнцыд операци Бахмуты æмæ Мелитополы æрдæмадæй.