Уæрæсейы хъахъхъæнынады уагдоны хъусын кæнынц, ома хуссары æмæ ныгуылæны æфсæддон зылдты гарзджын тыхтæ дсилокацийы бынæттæм здæхын райдыдтой
Уæрæсейы хуссары æмæ ныгуылæны æфсæддон зылдтæ ахуырты фæстæ гарзджын тыхты дислокацийы бынæттæм здæхын райдыдтой – уый фæдыл Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрады минæвар Игорь Конашенков фехъусын кодта.
Конашенковы дзырдæй, дислокацийы бынæттæм здæхынц уыцы хайадтæ, кæцытæ ахуырты хайад исын фесты.
«Хуссары æмæ нуыгуылæны æфсæддон зылдты дæлхайадтæ, хæслæвæрд сыххæсты фæстæ райдыдтой æфсæнвæндагон æмæ автомобилон транспортмæ бадын æмæ абон се æфсæддон гарнизоны рдæм араст уыдзысты» райхъусын кодта Конашенков.
Афтæма информацийы фæнысангонд равзæрæны хъусинагæй, Уæрæсе-Белорусы ахуыртæ дарддæр кæнынц. Масштабон ахуырты баст сты зæгъæн ис алы æфсæддон зылдтæ æмæ уæлдæфон-десантон тыхтæ. 19 февралы «Обуз-Лесновкæйы» полигоныл хæцæн æхстыты этап райдайдзæн. Уырдæм цæстдарджыты статусæй хуынд сты Белорусы уæвæг фæсарæйнаг бæстæты æфсæддон атташетæ æмæ медийы минæвæрттæ. Уæрæсе-Белорусы иумæйаг ахуыртæ 20 февралы фæуыдзысты.