Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты уагдон – Турчы операци халы Сирийы территорион æнæхъæндзинад
Турчы операци æфхæры Сирийы территорион æнæхъæндзинад. Уый фæдыл агентад «Интерфаксимæ» Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Олег Сыромолотов райхъусын кодта.
Сыромолотовы дзырдæй, зæгъгæ Сирийы уæвыны легалон бар æрмæст ирайнаг æмæ уырыссаг æфсæддæттæм ис.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны æрдгæй, фæнысангонд фидиуæн Сочæйы Турчы æмæ Уæрæсейы президентты фембæлды рæстæджы сырæзт.
Сирийы Турчы æфсæддон операцийы æмгъуыд абон изæр, Тбилисы рæстæгæй 23:00 сахатыл фæуд кæны. АИШ-ы æхсæныбацыдæй цы бадзырд сырæзт уымæ гæсгæйæ, арæнгæрон районты уæвæг сирийаг курдæгтæ, 30 километрон зонæ хъуамæ ныууагъдтаиккой 12 сахаты мидæг.
Турчы хицауад хъусын кæны, цæмæй кæд зæгъгæ курдæгты гарзджын иугæндтæ фæнысангонд территори нæ ныууадздзысты, Анкъара операци сног кæндзæн.