Уæрæсейы Думайы «Гуырдзыстоны æрдгæй Хуссар Ирыстоны адæмы геноциды» банымады фарста кастæуы
Уæрæсейы Думайы «Гуырдзыстоны æрдгæй Хуссар Ирыстоны адæмы геноциды» банымады фарста кастæуы.
Уæрæсейы закъондæттæг органы дæллаг палатæйы фыццаг вице-спикер, Иван Мельников куыд райхъусын кодта афтæмæй, Паддзахадон думайы фарста бацахуыр кæнынæн, кусæг къорд ныридæгæн сырæзт.
«Кусæг къорд, кæсы Хуссар Ирыстоны парламенты куырдиат, кæцыйы уæнгтæ 1920 азы, гуырдзиæгты æрдгæй Хуссар Ирыстоны адæмы геноциды банымайын домы»,- райъхусын кодта Мельников.
Уæдмæ августы райдианы, паддзахадон думайы сæрдар Вячеслав Володин райхъусын кодта, «Дума æввахс рабадтыл хъавы Хуссар Ирыстоны адæмы геноциды банымады фæдыл куырдаит æркæсын».
Мельников Журналисттæн райхæлдта, цæмæй « уымæн бæрæг нæу, цас рæстæджы даргъ кæндзæн къорд кусын, уымæн æмæ зæгъгæ ай тынг вазыгджын фарста у».
Бакой уын кæндзыстæм, уæдмæ Владимир Путин райхъусын кодта, цæмæй 1919 æмæ 1920 азты, Гуырдзиаг æфсæддæттæ, ирæтты ныхмæ тынг карз мадзæлттæй архайдтой, кæцыйы путины дзырдæй, «Генцодæй схонынц».