Уæрæсейы  Централон  Банкы æмæ авиацийы ныхмæ  Евроцæдисы  санкцитæ  сæ тыхмæ бахызтысты
Уæрæсейы Централон Банкы æмæ авиацийы ныхмæ Евроцæдисы санкцитæ сæ тыхмæ бахызтысты

Уæрæсейы  централон банкы æмæ  авиацийы  ныхмæ Евроцæдисы санкцитæ сæ  тыхмæ бахызтысты.

Евроцæдисы  официалон    журналы  публикацигонд уыд   уагæвæрд   уырыссаг   хæдтæхджыты  Евроцæдисы  уæлдæфон  тыгъдады тæхыны,  афтæма  централон банкы  резервтимæ баст   операциты тобæйы фæдыл.

Знон Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ    Уæрæсейы  ныхмæ   ног санкцитыл æрныхас кодтой.  Сæрмагондæй та, Евроцæдисы  уæлдæфон тыгъдад    æххæстæй   æхгæд æрцыд  Уæрæсейы  сæрмагонд,  Уæрæсейы  регистрацигонд  кæнæ  Уæрæсейы   контролгонд  хæдтæхджытæн, уый нымæцы   хисæрмагонд   хæдтæхджытæн дæр.

Уый æддæмæ ма, Евроцæдис  санкцитæ  сæвæрдта  Уæрæсейы  централон банкæн  æмæ хъоды сæвæрдта  йæ  активтыл.  Афтæма, Евроцæдисы  территорийыл тобæ  æвæрд уыд   уырыссаг паддзахадон  медиа-фæрæзтæ «Раша Тудей» æмæ  Спутникыл».

Уыимæ  Евроцæдисы Совет  Украинайæн 450 милуан  евройы  аргъы  хæцæнгарз  балхæндзæн.