Уæрæсейы Белгороды областы расидтысты уæлвæткон уавæр
Уæрæсейы Белгороды областы расидтысты уæлвæткон уавæр

Уæрæсейы Белгороды облæсты расидтысты уæлвæткон уавæр. Уый тыххæй фехъусын кодта районы губернатор Вячислав Гладков.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Белгороды районы уавæр иттæг карз у.

«Украинæйы гæрзифтонг тыхтæ æрвылбон дæр æхсынц, хæдзæрттæ пырх кæнынц, цæфтæ нæм ис, сабыр цæрджытæ фæмард сты», – райхъусын кодта Гладков.

Гладков ма банысан кæны, хæстæгдæр рæстæджы кæй фæнд кæны курдиат бадæттын Уæрæсейы хицæуттæм, цæмæй Белгороды дæр расидой федералон уæлвæткон уавæр, куыд Курскы, афтæ.

Информацийæн, Уæрæсейы закъондæттынадмæ гæсгæ, гæнæн ис ахæм режим расидын, зианбаййафæг æмбæстæгты нымæц 500-йæ фылдæр куы уа, материалон зианы бæрц та 500 милуан соммæ куы бахæццæ уа, уæд.