Уæрæсейы базарадон центры зынгсирвæзты тыххæй, уæлвæтк уавæр расидтысты

Уæрæсейы  базарадон центры  зынгсирвæзты тыххæй,   уæлвæтк уавæр расидтысты.  Ис  дзы  срæмыгъды   æмæ   зианхæссæг буарадты   уæлдæфмæ рахъарыны тас.

Кемеровойы  уæвæг базарадон  центры  зынгсирвæзты фæстиуæгæн  фæстаг бæрæггæнæнтæй,   æрбамард  4 адæймаг.  Сæ нымæцы æртæ сывæллон æмæ иу сылгоймаг.

Афтæма,   æвæндаг æрбайсæфтыл нымад цæуынц  17 адæймагы.  Зианбаййафджыты нымæц  та  26-æм æххæссы.

Уæлвæтк уавæрты куысты  куыд  фехъусын кодтой афтæмæй,   арт   цыппæрæм   уæладзыгыл  фæзындис æмæ   1500 квадратон метр фæзуатыл  бафтыд.   Уый æппæт расидтис   базарадон центры уæвæг дыууæ  кинотеатры    цары  æркалд. Басыгъд   контактон зоопарк æмæ  уым уæвæг цæрæгойтæ.

Ирвæзынгæнджытæ 100-йы бæрц адæймагы  фæервæзын кодтой. Фæмардуæвджытæ  та,  уæлвæтк уавæрты  куысты информацийæ, зынгсирвæзты рæстæджы зæгъгæ  уыдон фæздæгæй фæхъæстæ сты.  Бынатыл мобилизацигонд у   лаборатори, кæцы уæлдæфы  зианхæссæг буарадты бæрц   иртасы.

Æрцæугæйы тыххæй райдыдта фæдæвзарæн,  æдасдзинады нормæты  хæлды  æмæ  куыстмæ уæлæнгай ахасты тыххæй.

Барадхъахъъæнджытæ  бæстыхайы   хицæутты агурынц.