Уæрæсейы бæрæгдзау куысты полковник- афтæ бавдыста Саакашвили акцийыл Сандра Руловсы
Уæрæсейы  бæрæгдзау куысты полковник- афтæ бавдыста Саакашвили акцийыл Сандра Руловсы

Фэ-Эс –Бэйы   кусæг,  Уæрæсейы  бæрæгдзау куысты   полковник –   афтæ  бавдыста   Киевы, радайы цур  арызт брифингыл  Михеил Саакашвили   æрымбырдуæвджытæн Сандра Руловсы,  кæцы  дзырдæй ралæууыд.

Гуырдзыстоны раздæры  фыццаг леди, æрымбырдуæвджытæн бузныг загъта  фарсхæцыны тыххæй.

«Фæнды мæ мæ  бинонты   номæй уын бузныг  зæгъон алкæмæн дæр,  чидæриддæр знон   мæ мойы  ахсты рæстæджы, йæ фарсмæ чи лæууыд  уыдонæн.   Знон  алы гуырдзиаг уый тыххæй  ныхас кодта, цæмæй  куыд лæууыдыстут миты сахатгай,  сæрмагондæй та сылгоймæгтæ.  Бузныг уын ацы фæразондзинады тыххæй. Фæстагмæ  æнæмæнгæй  фæуæлахиз уыдзыстæм.  Цæй  зæгъын æй хъæуы  æнæтох  ницы рауайы. Мæхи дæр фæнды  цæмæй  ацы тох  ацæуа  æнæтугкалдæй» –  загъта Сандра Руловс  æрымбырдуæвджытæн.