Уæрæсейы АИШ-ы минæварад æмбæстæгтæн рагфæдзæхст дæтты  Мæскуы æмæ Петербургы  лæбурдтыты тасы тыххæй
Уæрæсейы АИШ-ы минæварад æмбæстæгтæн рагфæдзæхст дæтты Мæскуы æмæ Петербургы лæбурдтыты тасы тыххæй

Уæрæсейы  АИШ-ы  минæварад, АИШ-ы  æмбæстæгтæн рагфæдзæхст дæтты  Мæскуы æмæ Петербургы  бырстыты  тасы  тыххæй  æмæ сæм æрсидтис эвакуацийы  план бакусынмæ.

АИШ-ы   дипломатон  минæварады  ахæлиугонд  фидиуæны банысангонд у, цæмæй   медийы  информацийы равзæрæнтæм  гæсгæйæ,  уыдис  лæбурдтыты фæдыл  æртхъирæн  базарадон центрты, метростанцæты æмæ æндæр  адæмарæх рæтты  стыр урбанон районты, афтæма  Уæрæсе-Украинайы арæны  дæргъмæ  ныттыггонд уавæры зонæты.

АИШ-ы минæварад хъусын кæны  æмбæстæгтæн, цæмæй  æркæсой персоналон  æдадсзинады плантæ,  бакусой эвакуацийы  план,  кæцы  баст нæ уыдзæн  АИШ-æй  æххуысыл, сæхи бахизой  адæмарæх рæттæм рацæуынæй  æмæ сæм гоймагы идентификацийæн хæъугæ   æвдисæнгæххæтытæ  куыд уа уый,  сæ нымæцы  АИШ-ы паспорт  цæугæ  уырыссаг визæимæ.