Уæрæсейы æмæ Белорусы президенттæ æфсæдды иуæймаг регионон хайад æрлæууын кæныныл æрныхас кодтой
Уæрæсейы президент Владимир Путин æмæ Белорусы президент Александр Лукашенко æфсæдды иумæйаг регионон хайад æрлæууын кæныны фæдыл æрныхас кодтой.
Уый фæдыл Белорусы а.х. президент Александр Лукашенко фехъусын кодта.
«Кæддæриддæр дзырдтон, ацы къорды бындур у æфсад, Белорусы Республикæйы гарзджын тыхтæ. Хъуамæ уын базонын кæнон ацы корды формирокæнын райдыдта. Æнхъæл дæн ацы дыууæ бон у дарддæр кæны», – банысан кодта Лукашенко.
Лукашенко дырыс нæ загъта, конкретонæй кæм æрлæудзæн иумæйаг æфсæддон хайад æмæ банысан кодта, ц æмæй куыд бахъæудзæн афтæ рахæсдзысты уынаффæ.
Уимæ Лукашенкойы фидиуæнæй, НАТО æмæ Европæйы цалдæр бæстæ Белорусы ныхмæ гæнæн агрессийы варианттæ кæсынц.