Мæскуымæ хæстæг бæлццонон хæдтæхæджы æрхауды тыххæй, абон Уæрæсейы маройы бон у.
Уырыссаг рауагъдад «Коммерсант» куыд фыссы афтæмæй, авиакатастрофæйы сæйраг аххосæгты æхсæн кастæуы иуæй-иу змæлынгæнæджы мидæг арт кæй фæзынд уый, спидометры сахъатджын куыст æмæ пилоты рæдыд.
Ацы рауагъдады информацийæ, эксперттææн зæгъгæ, теракты гæнæн версимæ сæ зæрдæ не хсайы.
Авикаомпани «Саратовы авиахаххыты» куыд расидтысты афтæмæй, стæхыны онг АН-148, техникон лæккады процедурæ ацыд. Саратовы бæстæйы прокуратурæйы хъусын кæнынц, цæмæй хæдтæхæг рæфдз уыдис æмæ йæм техникон проблемæ нæ фæбæрæг зæгъгæ.
«Саратовы авиахаххыты» сæрмагонд АН-148 Мæскуыйæ фæцæйтахтис Орскъмæ. Уырыссаг медийы информацийæ, уый стæхынæй зæгъæн ис 4 минутмæ æрхаудта. Бортыл 65 бæлццон æмæ экипажы 6 уæнгы уыд. Алчи сæ фæмард.
Хæдтæхæджы зæххыл сæмбæлды фæстиуæгæн стынды сфиксир кодта иуæй-иу хæдзары æддæйæ цæстдарæн камерæ.
Æрцæугæ трагедийы тыххæй, Пхенчханы олимпион хъæуы, æхсæнадæмон олимпион комитет, рахицæн кодта фыдохы зонæ æмæ тæфæрфæс ракодта.
Авиакатастрофæйы фæмардуæвджыты бинонтæн мæсæллытæ дзурынц АИШ-æй дæр.