Уæрæсейы 12 февраль  маройы  бон   у
Уæрæсейы 12 февраль маройы бон у

Мæскуымæ  хæстæг   бæлццонон  хæдтæхæджы æрхауды   тыххæй,  абон Уæрæсейы маройы  бон у.

Уырыссаг рауагъдад  «Коммерсант» куыд фыссы афтæмæй,   авиакатастрофæйы    сæйраг аххосæгты  æхсæн  кастæуы   иуæй-иу змæлынгæнæджы   мидæг  арт кæй фæзынд  уый,   спидометры  сахъатджын куыст  æмæ   пилоты  рæдыд.

Ацы рауагъдады  информацийæ,  эксперттææн  зæгъгæ,  теракты  гæнæн версимæ сæ зæрдæ не хсайы.

Авикаомпани  «Саратовы авиахаххыты»   куыд расидтысты    афтæмæй,   стæхыны онг  АН-148, техникон   лæккады  процедурæ ацыд.  Саратовы  бæстæйы   прокуратурæйы    хъусын кæнынц,   цæмæй  хæдтæхæг   рæфдз  уыдис æмæ  йæм техникон  проблемæ нæ фæбæрæг зæгъгæ.

«Саратовы авиахаххыты» сæрмагонд  АН-148   Мæскуыйæ фæцæйтахтис   Орскъмæ. Уырыссаг  медийы информацийæ,    уый  стæхынæй  зæгъæн ис  4 минутмæ  æрхаудта.    Бортыл  65  бæлццон æмæ  экипажы  6 уæнгы уыд.  Алчи сæ фæмард.

Хæдтæхæджы  зæххыл сæмбæлды фæстиуæгæн стынды  сфиксир кодта  иуæй-иу  хæдзары æддæйæ  цæстдарæн камерæ.

Æрцæугæ трагедийы тыххæй,   Пхенчханы  олимпион    хъæуы,  æхсæнадæмон  олимпион комитет,   рахицæн кодта  фыдохы  зонæ  æмæ  тæфæрфæс  ракодта.

Авиакатастрофæйы   фæмардуæвджыты   бинонтæн  мæсæллытæ  дзурынц АИШ-æй дæр.