Уæрæсейаг информацион агентад Sputnik-ы офисы Бакуйы цæуы агурæн куыстытæ
Уæрæсейаг информацион агентад Sputnik-ы офисы Бакуйы цæуы агурæн куыстытæ

Бакуйы уæрæсейаг информацион агентад Sputnik-ы офисы цæуы агурæн мадзæлттæ. Снысангонд информаци Азербайджаны мидхъуыддæгты министрад сбæлвырд кодта. Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы фæдыл æфтауцджын информаци æввахс рæстæджы уыдзæн лæвæрд медийы фæрæзтæн.

Азербайджайнаг медийы информацийæ, уæрæсейаг информацион агентад Sputnik-ы офисы бæстыхай барадхъахъхъæнджытæ æрæхгæдтой.

Медийы хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, Sputnik-ы архайд Азербайджаны раздæр æрлæууыд официалон æгъдауæй, кæд æмæ хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, уагдон дарддæр кодта йæ куыст.

Зæрдылдарæнæн, раздæр хъусын кодтой, цæмæй Азербайджан Екатеринбургы пъæлицæйы рейдты рæстæджы дыууæ азербайджайнаг æмбæстаджы фæмардæн дзуаппæн æппæт уæрæсейаг культурон мадзæлттæ урæдта.