Азербайджаны территорийыл ирайнаг дроны срæмыгъды фæстиуæгæн дыууæ адæймаг фæцæф ис, Баку Тегеранæй æмбарынгæнæн домы
Азербайджаны территорийыл ирайнаг дроны срæмыгъды фæстиуæгæн дыууæ адæймаг фæцæф ис, Баку Тегеранæй æмбарынгæнæн домы

Азербайджаны горæт Нахчываны дроны срæмыгъды фæстиуæг дыууæ адæймаг фæцæф ис.

Азербайджайнаг медийы информацийæ, ноджы иу дрон Шекарабады хъæуы сæрмæ атахт.

Азербайджаны æттаг хъуыдтæгты министрады расидæнмæ гæсгæ, Баку домы, цæмæй Тегеран куыд гæнæн ис афтæ тагъд сбæлвырд кæна уæлдæр банысангонд фарста, бавдиса æмбарынгæнæн æмæ райса æнæмæнгхъæугæ æмæ тагъд мадзæлттæ, цæмæй фидæны ахæм инциденттæ ма æрцæуой.

Фидиуæны банысангонд у, цæмæй азербайджайнаг фарс йæхицæн ныууадзы бар æмбæлон дзуаппдæттæн мадзæлттæ райсын.

Уымæй дарддæр ма Азербайджаны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ æрсидт Ираны Исламон Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Азербайджаны Республикæйы Моджтаба Дермичилуйы.