Уæрæсейæн сакнцитæ сфидар кодтой Япони æмæ Канада дæр. Информаци хъусын кæны агентад «Ройтер».
Японийы хицауады æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, фæтобæ уыдзæн Японийы уырыссаг облигациты уадзын æмæ бæрæг индивидты банкон хынцтæ сыхгæндзысты. Сау номхыгъды уæвæг уæнгтæн нал Японийы территоримæ бацæуыны бар уыдзæн.
«Уæрæсейы архæйдтытæ тынг дырысæй зиан кæнынц Украинайы суверенитет æмæ йæ ныхмæ сты æхсæнадæмон закъондæттынадæн. Ноджы иу хатт критикæ кæнæм ацы къахдзæфтæ æмæ хъæддых сидæм Уæрæсемæ æрыздæхæт дипломатийы фæндагмæ» – райхъусын кодта Японийы премьер-министр Фумио Кушида.
Японийы премьеры дзырдæй, зæгъгæ санкциты деталтæ бакуысдзысты æмæ æввахс бонты публикаци скæндзысты.
Канадайы премьер-министр Джастин Трюдо санкциты фыццаг пакеты фæдыл райхъусын кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Донецк æмæ Луганскæн а.х. хæдбар паддзахадтимæ, аскуындзысты алыхуызон финансон куыст. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ санкцитæ сфидар кæндзысты Уæрæсейы парламенты уæнгтæн, кæцытæ Донецк æмæ Луганскеы а.х. хæдбар падздахадтимæ банымадимæ сразы сты.