Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ æхцайæ æрвитæггæгтæ фæкъаддæр сты, Евроцæдисæй та райрæзтысты
2019 азы июны Гуырдзыстонмæ æрбафтгæ æхцайæ æрвитæггæгты бæрц, 143.6 милуан АИШ доллар (398.8 милуан лари) уыд, кæцы 6.3 процентæй фылдæр у 2018 азы июны бæрæггæнæнæй.
Националон Банкъы бæрæггæнæнтæй, сеппæтæй фылдæр суммæ – 34.78 милуан АИШ доллары Гуырдзыстонмæ æрвыст æрцыд Уæрæсейæ. Фæлæ раззаг азы июнимæ абаргæйæ, суммæйы бæрц 11 процентæй фæкъаддæр ис.
19.3 милуан доллары, Гуырдзыстонмæ æрвыст æрцыд Италийæ (+23.99%), 17 милуан доллар – Грецийæ (+23.06%),15.29 милуан доллар – АИШ-æй (+7.53%), 13.38 милуан доллар – Израилæй (+0.67 процент).
Евроцæдисы бæстæтæй æхцайæ æрвитæггæгты бæрцуат июны 25 процентæй райрæзтис.
Уыйимæ иумæ, 2019 азы июны Гуырдызстонæй фæсарæнтæм æрвыст æрцыд 17.5 милуан доллар, кæцы ивгъуыд азимæ абаргæйæ 2.2 процентæй къаддæр у.