Уæрæсе-Украинæйы хæст хъуамæ æрлæууа – уый фæдыл Трамп йæ фарсхæцджытæн загъта
Уæрæсе-Украинæйы хæст хъуамæ æрлæууа – уый фæдыл Трамп йæ фарсхæцджытæн загъта

АИШ-ы æвзæрст президент Дональд Трампы ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсе-Украинайы хæст хъуамæ фæуромой æмæ йын  уый уыдзæн приоритетон фарста.

Уый фæдыл фидиуæн, Трамп, Флоридайы уагъд мадзалы сарæзта, кæцы æвзæрстыты фæстæ йæ фыццаг уæрæх æхсæнадон раныхас у.

«Мах бирæ кусдзыстæм Уæрæсе æмæ Украинæйы фарстайыл. Хæст хъуамæ фæуа.» – райхъусын кодта Трамп.

Трамп бирæ хатт расидтис, цæмæй куыддæр Урс Хæдзармæ бацæудзæн, афтæ Уæрæсе-Украинайы конфликтæн кæрон скæндзæн, кæд æмæ куыд сараздзæн уый, Трамп нæ снысан кодта.

Фæлæ, Дональд Трамп йæ фарсхæцджытæн куыд загъта, афтæмæй йæ приоритеттæ сты Æввахс Скæсæн дæр, «хæлд, æнæнтыст бюрократийы ссыгъдæг кæнын» æмæ «сывæллæтты сексуалон æфхæрдæн» кæрон скæнын.