Уæрæсе спайда кодта баллистикон ракетæтæй æмæ 90 дроны онг Украинæйы ныхмæ
Уæрæсе спайда кодта баллистикон ракетæтæй æмæ 90 дроны онг Украинæйы ныхмæ

Уæрæсе Украинæмæ знон æхсæвы бабырст райдыдта. Уæрæсейы æфсæддонтæ спайда кодтой дыууæ баллистикон ракетæйæ æмæ 90-мæ æввахс «Шахед»-ы дронтæй. Украинаг фарсæн бантыст 56 дроны ныппырх кæнын.

Бабырсты фæстиуæгæн Харьковы облæсты фæцæф сты фæйнæ аст адæймаг, се æхсæн дыууæ æвзонг лæппу.

Уымæй дарддæр ма, уæрæсейаг фарс сарæзта бабырст Слободскойы районы троллейбусты паркмæ, цæй фæстиуæгæн 18 троллейбусы бахъыгдард сты, иу ныппырх ис, дыууæ адæймаджы та фæцæф сты.

Бынæттон хицæуттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй зиан баййæфтой 33 цæрæн хæдзары дæр.

Одессæйы регионмæ дронтæй бабырсты фæстиуæгæн, посты хайады зынгсирвæзт æрцыд, кæцы 300 квадратон метры фæзуатыл ахæлиу ис. Хæстæг уæзласæн машинæтæ бахъыгдард сты, фæлæ амæттæгтæ æмæ цæфтæ нæ уыд.