Уæрæсе сбæлвырд кодта закъоныпроект, кæцы президентæн фадат дæтты æфсадæй спайда кæна Уæрæсейы æмбæстæгты фæсарæнты бахъахъхъæнынæн
Уæрæсейы Паддзахадон Дума сфидар кодта закъоныпроект, кæцы президентæн дæтты бар æфсадæй спайда кæна Уæрæсейы æмбæстæгты фæсарæнты бахъахъхъæнынæн. Уый фæдыл уырыссаг медиа парахат кæны.
Медийы информацийæ, закъонопроект, кæцы йæ зæрдыл дары Уæрæсейы гарзджын тыхты «æнæтерриториалон» спайда фæсарæнты Уæрæсейы æмбæстæгты бахъахъхъæныны тыххæй, фыццаг бакастæй сбæлвырд ис.
Документ «Æмбæстагдзинады тыххæй æмæ хи бахъахъхъæныны тыххæй» закъæттæм ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй дары йæ зæрдыл.
Закъонопроект Паддзахадон Думæйы 19-æм мартъийы бавдыст æрцыд, æмбарынгæнæн фиппаинаджы дзырдæуы, зæгъгæ, ацы нормæ арæзт у Уæрæсейы æмбæстæгты бартæ хъахъхъæнынæн, фæсарæнты ахст куы æрцæуынц, кæнæ æндæр хуызы æфхæрд куы баййафынц, уæд.
Уæрæсейы гарзджын тыхты гæнæн «экстратерриториалон» спайда кæныны фæдыл уынаффæ райсдзæн Уæрæсейы президент.