Уæрæсе оккупацигонд Абхазы, «паддзахадон гæсты мыздтæ» æмæ «пенситæ» сфинанс кæнынæн
Уæрæсе оккупацигонд Абхазы, «паддзахадон гæсты мыздтæ æмæ пенситæ сфинанс кæнынæн» иу миллиард рублы рауæлдай кодта. Ноджы 500 милуан рублы та, Мæскуы ацы аз, а.х. банкъон системæйы фæтыхджын кæнынæн бахардз кæндзæн. Уый фæдыл информацийы, де-факто Абхазы Уæрæсейы минæвар Алексей Двинянин райхъусын кодта. Э «Мах æххæст кæнæм инвестицион программæ, кæцы социалон-экономикон сферæйы æмархайд дары йæ хъуыдйы. Ацы аз æвæрд æрцыд 1,7 миллиардæй фылдæр рубл. Уымæй уæлдай ма, иу миллиард рублы, кæцы пенситыл æмæ паддзахадон гæсты пенситыл бахардз уыдзæн æмæ 500 милуан рублы, кæцыйы Уæрæсейы Федераци Абхазы банкъон сферæйы фæтыхджын кæнынæн рауæлдай кодта» – хъусын кæны Двинянин.