Уæрæсе оккупацигонд  Абхазы, Очамчирейы æфсæддон-денджызон тыхты базæкæнæн ног иудадзыг пункты саразын хъавы
Уæрæсе оккупацигонд Абхазы, Очамчирейы æфсæддон-денджызон тыхты базæкæнæн ног иудадзыг пункты саразын хъавы

Уæрæсе  оккупацигонд  Абхазы, Сау Денджызы  донбылыл  æфсæддон-денджызон  тыхты базæйæн ног иудадзыг  пункт саразын  хъавы.  Æмбæлон  бадзырд Уæрæсе æмæ Абхазы  сеапаратистон  редимы  æхсæн нырид къухæвæрд у.  Уый фæдыл  уырыссаг  рауагхдад  «Известиаимæ»  интервьюйы  оккупацигонд Абхазы  де-факто  президент  Аслан Бжаниа  райхъусын кодта, кæцы знон владимир путинимæ фембæлдис.

Бжаниайы дзырдæй,  денджызон базæ  Очамчирейы  æввахс   периоды  сараздзысты.

«Нæ бæрæгбоны махмæ æрбьахызт   чысыл  ракетон нау, мах ысхазтыстæм  бортмæ, уый у  нырыккон нау серьозон   хæстон  фадæттимæ. Нæ къух бафыстам  бадзырдыл  æмæ æввахс периоды  Очамчирейы  районы  Уæрæсейы æфсæддон-денджызон  флоты   иудадзыг  базæйы пункт уыдзæн» – райхъусын кодта Бжаниа.

Бжаниайы дзырдæй, «Мæскуы æмæ Сухумы  æфсæддон-техникон  æмгуыстад здæхт у  Уæрæсейы æмæ Абхазы  иргъæфхъомад  сбæрзонддæрмæ».