Уæрæсе Киевыл  æхсæв бабырст сыххæст кодта дронтæ æмæ баллистикон ракетæтæй
Уæрæсе Киевыл æхсæв бабырст сыххæст кодта дронтæ æмæ баллистикон ракетæтæй

Уæрæсе Киевыл, æхсæв бабырст сыххæст кодта дронтæ æмæ баллистикон ракетæтæй дронтæ æмæ баллистикон ракетæтæй. Уый фæдыл украинаг медиа парахат кæны информаци.

Киевы мэр Виталий Кличкойы информацийæ, аст адæймаг фæцæф сты.

Медийы хъусинагæй, Киевы бынæттон рæстæгæй 22:00 сахатыл авиацион æрбабырсты тыххæй хъусынгæнинаг рапарахат ис. Сæйраг сахары цалдæр районы дронты хауæны фæстиуæгæн цæрæн хæдзæрттæ æмæ машинæтæ бахъыгдард сты. Киевы уæлдæфон бырсты хъусынгæнинаг райсомы 05:00 сахатыл ист æрцыд.

Уымæй уæлдай ма, Украинæйы уæлдæфон тыхтæ хъусын кæнынц, цæмæй 24-æм майы æхсæвы Уæрæсе Украинæйы æрдæм æдæппæт 14 баллистикон ракетæ «Искандер» æмæ 250 æнæпилотон тæхæг апарахат ауагъта. Æфсæддонты информацийæ, уæлдæфон тыхтæ æрæппæрстой 6 ракетæйы æмæ 128 дроны, ноджы 117 дроны та бынаты фесæфтысты. Сæйраг сахарæй уæлдай ма бырсты сæйраг нысæнттæ уыдысты Днепропетровскы, ​​Одессæйы æмæ Запорожьейы облæсттæ дæр.