Уæрæсе 60 америкаг дипломаты феддæдуар кæндзæн æмæ Санкт-Петербургы Америкæйы Иугонд Штатты генералон консулад æрыхгæндзæн
Уæрæсе 60 америкаг дипломаты  феддæдуар кæндзæн  æмæ Санкт-Петербургы  Америкæйы  Иугонд Штатты  генералон консулад  æрыхгæндзæн

Уæрæсе 60 америкаг дипломаты  феддæдуар кæндзæн  æмæ Санкт-Петербургы  Америкæйы  Иугонд Штатты  генералон консулад  æрыхгæндзæн.  Уый фæдыл   Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министр  Сергей Лавров  райхъусын кодта.

АИШ-ы минæвар  ныр уæвы Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады,  цы ран  йын æмбæлон скуыддзагы  зонгæ кæнынц.

Ахæм дзуапп ратдзæн Мæскуы  АИШ-æй  60 уырыссаг  дипломаты  ратарын  æмæ Сиэтлы  Уæрæсейы  конслады æрыхгæдæн.

Лавров  афтæдæр  загъта, цæиæй  алы бæстæйæн, кæцæй дæр уырыссаг дипломатты раддæдуар кодтой,  Уæрæсе  ратдзæн  аккаг дзуапп.

Бакой уын кæндзыстæм,  уырыссаг дипломатты  АИШ-æ, Стыр Британийы   Уæрæсеы  раздæры бæрæгдзау куысты  офицеры  Сергей Скрипалы  фæхъæстæ кæныны  тыххæй ратардта.

Раздæры  уырыссаг агенты  Сергей Скрипалы  æмæ чызгы  4 марты, Англисы сахар Солсберрийы  фæхъæстæ кодтой.  Æрцæугæйы бæрн, Стыр Британи сæвæрдта  Уæрæсейыл  æмæ  бæстæйæ  23  уырыссаг дипломаты атардта.  Стыр Британийæн солидарондзинад рæхджы расидтысты  æндæр бæстæтæ дæр.

Ацы рæстæгмæ  уырыссаг дилпломатты  30-ы онг  паддзахад феддæдуар кодта,  сæ нымцы  АИШ-æ, Канадæ, Австрали, Евроцæдисы бæстæтæ,  Молдовæ æмæ Украинæ.  Вашингтоны скуыддзагæй  АИШ-æй  рарвитдзысты 60  уырыссаг дипломаты, Сиэтлы та Уæрæсейы  консулад  æрыхгæндзысты.

Афтæма, Игонд Паддзахады   территорийы  Сергей Скрипалы  фæхъæстæ кæнынмæ  гæсгæ, Швейцарийы  минæварады  Уæрæсейы  интересты секцийы  кусæгы  бæстæйæ  аддæдуар кæндзæн  Гуырдзыстон дæр.