Уæрæсе 60 америкаг дипломаты феддæдуар кæндзæн æмæ Санкт-Петербургы Америкæйы Иугонд Штатты генералон консулад æрыхгæндзæн
Уæрæсе 60 америкаг дипломаты феддæдуар кæндзæн æмæ Санкт-Петербургы Америкæйы Иугонд Штатты генералон консулад æрыхгæндзæн. Уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавров райхъусын кодта.
АИШ-ы минæвар ныр уæвы Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады, цы ран йын æмбæлон скуыддзагы зонгæ кæнынц.
Ахæм дзуапп ратдзæн Мæскуы АИШ-æй 60 уырыссаг дипломаты ратарын æмæ Сиэтлы Уæрæсейы конслады æрыхгæдæн.
Лавров афтæдæр загъта, цæиæй алы бæстæйæн, кæцæй дæр уырыссаг дипломатты раддæдуар кодтой, Уæрæсе ратдзæн аккаг дзуапп.
Бакой уын кæндзыстæм, уырыссаг дипломатты АИШ-æ, Стыр Британийы Уæрæсеы раздæры бæрæгдзау куысты офицеры Сергей Скрипалы фæхъæстæ кæныны тыххæй ратардта.
Раздæры уырыссаг агенты Сергей Скрипалы æмæ чызгы 4 марты, Англисы сахар Солсберрийы фæхъæстæ кодтой. Æрцæугæйы бæрн, Стыр Британи сæвæрдта Уæрæсейыл æмæ бæстæйæ 23 уырыссаг дипломаты атардта. Стыр Британийæн солидарондзинад рæхджы расидтысты æндæр бæстæтæ дæр.
Ацы рæстæгмæ уырыссаг дилпломатты 30-ы онг паддзахад феддæдуар кодта, сæ нымцы АИШ-æ, Канадæ, Австрали, Евроцæдисы бæстæтæ, Молдовæ æмæ Украинæ. Вашингтоны скуыддзагæй АИШ-æй рарвитдзысты 60 уырыссаг дипломаты, Сиэтлы та Уæрæсейы консулад æрыхгæндзысты.
Афтæма, Игонд Паддзахады территорийы Сергей Скрипалы фæхъæстæ кæнынмæ гæсгæ, Швейцарийы минæварады Уæрæсейы интересты секцийы кусæгы бæстæйæ аддæдуар кæндзæн Гуырдзыстон дæр.