Уæлрадон уавæры адарддæр кæныны фарстайыл парламенты 22 апрелы фæуынаффæ кæндзысты
Гуырдзыстоны парламенты уæлрадон рабадт ацæудзæн 22 апрелы. Депутаттæ Уæлвæтк уавæры æмгъуыд адарддæр кæныны фарстайыл тæрхон кæндзысты. Фæлæ уæдмæ, ацы фарстайыл, президент приемьер-министры бавдыстæй декрет хъуамæ рауадза.
Уынаффæ йæ тыхмæ бахиздзæн куыддæр йыл къух бафыст уыдзæн, афтæмæй, æмæ тыхсастыл нымад æрцæудзæн æрмæст дæр уыцы цауы, кæд æмæ закъондæттæг оргæн æркасты фæстæ номхыгъдты фылдæрæй уыйимæ не сразы уыдзæн æмæ фæнысангонд фарста фæкъуыхцы уыдзæн.
Парламенты хъæлæскæнынады онг, уæлрадон уавæр æппæт бæстæйы масштабæй президенты декретæй адарддæр уыдзæн.
Æрцæудзæн æви нæ хаст ивддзинæдтæ уæлрадон уавæры фæлгæтты пъланкгонд уыцы нормæтæм, кæцы бæстæйы абон архайынц, уый бæрæг суыдзæн президенты декреты публикацийы фæстæ.