Уæлдайджын дæлдзырæттæ проблемæтæ расайдтой Ланчхуты муниципалитеты
Уæлдайджын дæлдзырæттæ Ланчхуты муниципалитеты проблемæтæ расайдта. Цалдæр бинонтæ æддаг дунейы раскъуыд сты. Зиангонд сты хъæуты фæндæгтæ. Ракалдис зæххы массæтæ æмæ цæстæйуынгæ сты сыджытлæсæнон процесстæ.
Бынæтон хицауады информацийæ, скусын кодтой тæвд хахх æмæ мобилизацигонд у мериайы алы куыст.
«Цæгæдон Супса йæ донвæдæй раивылдис. Цалдæр ран нын ис сыджыт-лæсæн. 8 сентябры стихийы фæтсиуæгæн зиангонд æмæ стæй рæстæгæ ноггонд ХоретихЧочхаты иугæнæг хид дон аласта. Хоретийы 150-ы онг цæрджытæ æддаг дунейы изоляцийы сты. Дæллаг Маматы цы ран рæстæгмæ рацалцæг кодтам фæрсдзææн фæндаг ныр уый дæр дон аласта. Ам дæр цæрджыты бæрæг хай изоляцийы сты. Муниципалитеты алы æмбæлгæ куыстытæ бынатыл сты. Цæуы техникæйы мобилизаци æмæ куыддæр боныгъæд фæхуыздæр уыдзæн афтæ уайтагъд райдайдзæн инфраструктурон куыстытæ» – райхъусын кодта Ланчхуты муниципалитеты мэр Александре Саришвили.