Ланчхуты муниципалитеты  хъæу  Акъеты  цæрджытæ цæугæдон Супсайæ  инертон æрмæгы исын протест кæнынц
Ланчхуты муниципалитеты хъæу Акъеты цæрджытæ цæугæдон Супсайæ инертон æрмæгы исын протест кæнынц

Ланчхуты муниципалитеты хъæу  Акеты протестон   акци   ацыд.  Акцийл, цæугæдон Супсайæ  змис-æмæ дурæрмæгы  сисын   спротест кодтой. Бынæттон  цæрджытæ нымайынц, цæмæй  фæнысангонд процесс закъонсастæй  цæуы, кæцы  экологион проблемæтæ расайдзæн. Сæ дзырдæй, зæгъгæ цæугæдон  аскъæфа  хъæууон-хæдзарадон зæххытæ,  æввахс  хид  дæр аласта æмæ  куыстыты адарддæры цауы,   эконологион катастрофæ  æнæмæнгæй  уыдзæн.

«Проблемæтæ  нырил райдыдтой.  Ардгæй  сæдæ метры дæрццæг хъæууон-хæдзарадон  зæххытæ ис æмæ  тыллæг  æнæхъæнæй фесæфтис.   Мах хъуыды кæнæм  цæмæй уый у  цæугæдоны  арфады  рæзты  аххос.  Нартхормæ нæ  хъары  уый бæрц   дон,  сæрды цы бахъæуы.   Цъай кæмæн  удон  алчидæр хъаст кæнынц  кæй ныссур вæййы  уый тыххæй. Централон магистрал нæй, ныр  цæуы арызт, фæлæ  ацы  этапыл  дон  тынг дардæй  ласæм.  Курæм урæд æрцæуæд   ам  инертон æрмæгы  амалкæнын.  Исчи хъуамæ  бамбара  ай бæрц инертон æрмæгы   ардгæй  исын  гæнæн нæй.  Фондзазон лицензи  раттой  компанийæн æмæ авд мæймæ  æрдæгæй фылдæр ныридæгæн систой.  Ноджы  3000 хæдтулгæ дзæххор хъуамæ аласой ардгæй мæ сæй ма ам  цы   баззайдзæн? Куыстытæ  куы нæ  фæуромой, уæд тынг æвзæр ацæудзæн хъуыддаг.  Адæм мæсты  сты. Нæ проблемæтæ ницæмæ дарынц. Æгæр у   нырид», –  хъусын кæны акцийы  иуæй-иу  хайадисæг.

Фæнысангонд куыстытæ    æнæххæстбар æхсæнад  «Ахали Кархана»  æххæст кæны. Йæ минæвæрттæ  абоны  акцимæ нæ фæзындысты. Фæнысангонд  фарстайыл   комментари  нæ сарызта бынæттон  хицауад дæр.

Акъеты  цæрджытæ Гуырдзыстоны  юристты  ассоциацимæ  дæр  баздæхтысты. Организацийы минæвæрттæ куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,    дзæххоры  амал кæнын   цæуы  закъонсастæй  æмæ фарстайы деталонæй бацахуыр кæнын   хъавынц.

Бынæттонтæ  æркуырдтыл æнæаргъæвгæйæ реагиркæнын  домынц, науæд та  хъусын кæнынц, цæмæй  акцитæ адарддæр  уыдзысты.