Уад «Дорианы» тыххæй  Джорджиайы æмæ Хуссар Каролинайы  штатты эвакуаци цæуы
Уад «Дорианы» тыххæй Джорджиайы æмæ Хуссар Каролинайы штатты эвакуаци цæуы

Уад «Дорианы» тыххæй  ДЖорджиайы штаты эвакуаци цæуы. Уый фæдыл хъусын кæны «Ройтеры» АИШ-ы  уадты националон центры хъусинагæй «Дориан» дыккаг категорийы онг фæмæллæг ис, фæлæ стихиц Джорджианы штаты фидар къæвда æмæ дымгæ уæддæр расайдзæн. Ис бæрæг территориты сцады бæрзонд рискъ дæр. Уый тыххæй  хицауады рауæлдайгонд  дæсгай автобустæй донбыл хаххы цæрджыты æнæаргъæй æдас рæттæм ласынц.

Джорджианы штатимæ иумæ эвакуаци цæуы Хуссар Каролинайы дæр. Æхсæнадæмон информацион центр «РОйтерс» куыд хъусын кæны афтæмæй, æнæмæнгхъæугæ эвакуаци штаты, длнбыл хаххы цæрæг  адæммæ баххæссыд.

Сихийы эпицентр ныр Багамы сакъадахты территорийыл ис. Йæ змæлды тагъдад банкъаринагæй æрсындæг ис. Уымæй та бæрæг у цæмæй сакъадахыл фидар уад æмæ тæркъæвда  ноджы иу бон аххæсдзæн.

Уады фæстиуæгæн  Багамайы фондз адæймаг фæхъуыд, базиан ис кæнæ бынтон ныккалдис 13 минæй фылдæр бæстыхай. Стихийы фæстиуæгæн сæдæгай бæстыхай доны бын фæцис; сæ нымæцы медицинон центр, кæцæй дæр пациентты æмæ медперсоналы эвакуаци бахъуыд.Стихийы эпицентры уады тагъдад  сахаты мидæг 205 километрмæ æххæссы.